Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:39
10 Iomraidhean Croise  

Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта.


Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.


Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг ӕмӕ хъӕр систа:


Йесо сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕмӕ ӕввахс хъӕуты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрцыдтӕн».


Йесо ногӕй бацыди синагогӕмӕ. Уым уыди, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг.


Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый. Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.


Сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд йӕ хъӕбулы баййӕфта хуыссӕны хуысгӕйӕ, дӕлимон ӕй ныууагъта.


Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan