38 Йесо сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕмӕ ӕввахс хъӕуты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрцыдтӕн».
Куы Йӕ ссардтой, уӕд Ын загътой, адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.
Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»
Уый сын загъта: «Ӕз хъуамӕ иннӕ сахартӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады Фарны Уац фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».
Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ; ныр ӕй уадзын ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».
Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый Ӕз сӕххӕст кодтон ӕмӕ Дӕ Уымӕй скадджын кодтон зӕххыл.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.
Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.