32 Хур куы аныгуылд ӕмӕ куы баизӕр ис, уӕд Ӕм райдыдтой рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынты кӕнын,
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайа цы загъта, уый: «Уый нын райста нӕ рынтӕ ӕмӕ нын ахаста нӕ низтӕ».
Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.
Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной.
Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.
Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.