30 Симоны усы мад сади тӕвднизӕй, ӕмӕ йӕ уайтагъд Йесойӕн загътой.
Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады баййӕфта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ.
Уыйадыл синагогӕйӕ рацыдысты, ӕмӕ Йесо Йаков ӕмӕ Иоаннимӕ ацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.
Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».
Хотӕ Йесомӕ хабаргӕнӕг арвыстой: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у».
Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ?