Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:27
15 Iomraidhean Croise  

Адӕм ӕгомыгты дзургӕ, цӕнкуылты ӕнӕсахъатӕй, къуылыхты цӕугӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕ куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.


Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».


Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд къуытты сдзырдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуыма ӕрцыди».


Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди.


Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.


Йӕ ныхӕстӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдтой. Фӕлӕ сын Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Йерусалиммӕ. Йесо цыди разӕй, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыди. Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын ногӕй райдыдта дзурын, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй:


Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.


Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.


Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц».


Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.


Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan