Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ ӕддӕмӕ рацу!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:25
10 Iomraidhean Croise  

Туджы азымӕй мӕ бахиз, Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ ме ’взаг стаудзӕни Дӕ рӕстад.


Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».


«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».


Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди.


Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыди, бирӕ ахӕм адӕмы. Бирӕтӕн фӕсырдта сӕ дӕлимонты, фӕлӕ ӕнӕзӕгъинӕгты дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ, Чи у, уый зыдтой.


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.


Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.


Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan