23 Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг ӕмӕ хъӕр систа:
Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнӕдон рӕтты ӕнцой агурӕг фӕзилы, фӕлӕ йӕ не ссары.
Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй амыдта.
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Уыйадыл синагогӕйӕ рацыдысты, ӕмӕ Йесо Йаков ӕмӕ Иоаннимӕ ацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.
Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыди, бирӕ ахӕм адӕмы. Бирӕтӕн фӕсырдта сӕ дӕлимонты, фӕлӕ ӕнӕзӕгъинӕгты дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ, Чи у, уый зыдтой.
Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.
Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.
Йесойы ӕрбацыды кой уайтагъд фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджы ахӕсты кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг. Уый ӕрбацыд ӕмӕ Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи.
Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».