Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йесо сӕм ӕвӕстиатӕй фӕсидти. Уыдон сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы ныууагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:20
11 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Йесо уырдыгӕй чысыл фалдӕр куы бауад, уӕд кӕсы, ӕмӕ Зеведейы фырт Йаков йе ’фсымӕр Иоаннимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъузынц.


Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд йӕ хӕдзар, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ мад, йӕ фыды, [йӕ усы] йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй,


«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.


Кӕсагахсджытӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр былмӕ раластой, ӕд кӕсӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕд хызтӕ уым ныууагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг Йесойы фӕдыл ацыдысты.


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan