19 Йесо уырдыгӕй чысыл фалдӕр куы бауад, уӕд кӕсы, ӕмӕ Зеведейы фырт Йаков йе ’фсымӕр Иоаннимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъузынц.
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.
Уыдон сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Йесо сӕм ӕвӕстиатӕй фӕсидти. Уыдон сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы ныууагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын нӕ курдиат сӕххӕст кӕнай».
Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.
Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны (радта сын ном «Боанергес», ома «Ӕрвнӕрды фырттӕ»);
Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.
Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта.
Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.
Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы.