Марк 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац: Faic an caibideil |
Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.