Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕдзӕрӕг быдыры Йесо фӕци дыууиссӕдз боны, ӕмӕ Йӕ уым сайтан фӕлвӕрдта. Йесо уыди сырдты ӕхсӕн, зӕдтӕ Йын лӕггад кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 1:13
13 Iomraidhean Croise  

Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.


Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?


Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй Йӕ хӕйрӕг бафӕлвара.


Йесо, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕрбаздӕхти Иорданӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ.


Дыууиссӕдз боны ӕмӕ мын дыууиссӕдз ӕхсӕвы фӕстӕ Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры, фидыды къӕйдуртӕ.


Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.


Дунедарӕджы раз ныддӕлгом дӕн зӕххыл; дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг сафыныл ныллӕууыд.


Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan