8 иннӕтӕ — Илийа, дам, ӕрцыдис; аннӕтӕ та — кӕддӕры пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас ис.
Уыдон Ын загътой: «Чи зӕгъы — Аргъауӕг Иоанн у, чи — Илийа, чи та — Йеремиа кӕнӕ пехуымпартӕй исчи».
Уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ, дам, уал Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?»
Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Илийа у»; аннӕтӕ та: «Уый пехуымпар у, рагзаманы пехуымпарты хуызӕн».
Уыдон Ын загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ — Илийайыл, аннӕтӕ та — пехуымпартӕй иуыл».
Уыдон загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанн, иннӕтӕ — Илийа, аннӕтӕ та зӕгъынц, незаманты пехуымпартӕй чидӕр райгас ис, зӕгъгӕ».
Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа дӕ?» Уый сын загъта: «Нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн».