Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:59 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

59 Ӕндӕр кӕмӕндӕр та загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ Йын уый дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:59
8 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».


Дунедарӕг пехуымпар Аггейӕн загъта: — Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хӕдзар аразынӕн афон нӕма у, зӕгъгӕ.


Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады уац».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan