Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:56 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

56 Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ». Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:56
16 Iomraidhean Croise  

Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


[Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.]


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.


Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».


Уӕд Йесо загъта: «Ӕгъгъӕд у, ӕрсабыр ут!» Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта.


Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.


Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.


Фӕндагыл Йесойӕн иу чидӕр загъта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».


Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.


Мӕ ныхӕстӕ Мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.


Фыдӕхӕн сӕттын ма баком, фӕлӕ йыл, хорздзинад кӕнгӕйӕ, уӕлахиз кӕн.


Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan