55 Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.
Давид ын дзуапп радта: «Цы мӕ агурут, Церуайы фырттӕ? Мӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ цӕмӕн ныллӕууыдыстут? Ахӕм бон марыны тӕрхон скӕнӕн куыд ис Израилы? Израилы паддзах кӕй дӕн, уый та ныртӕккӕ мӕхи цӕстӕй куы уынын!»
«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.
Уыцы ныхӕстыл дӕ чи сахуыр кодта, дӕ комы дын сӕ цавӕр мон бавӕрдта?
Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын, фӕсмонӕй мӕхи хӕрын, фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».
Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».
Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕд дӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».
Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых».
Йесоимӕ чи уыди, уыдонӕй иу фелвӕста йӕ кард, алчеры цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
Уый фенгӕйӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты: «Хицау, кӕд Дӕу фӕнды, уӕд мах дӕр, Илийа куыд бакодта, афтӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ бавзалы кӕндзӕни».
Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ». Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты.
Тӕригъӕд уый мидӕг ис, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндынц.
Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.