52 Йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йын Йӕ бацыдмӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кӕной.
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,
Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.
Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.
Йерусалиммӕ цӕугӕйӕ, Йесойы фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл.
Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг.
Иоанн у, афтӕ кӕй тыххӕй фыст ис: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг“.
Йӕ фӕндаг уыди Самарийыл.
Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.
Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»