49 Уӕд Ын иу хатт Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йын уыцы бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».
Иоанн Ӕй урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Уый Ды хъуамӕ саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрбацыдтӕ?»
Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ».
Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.
«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».
Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.