45 Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм,
Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.
Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕбыцӕу сты, чи нӕ стырдӕр у, зӕгъгӕ.
Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.
Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»
Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»
Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Мыййаг Ын исчи хӕринаг ӕрбахаста?»