Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон дӕр стыр диссагӕн куы хастой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:43
14 Iomraidhean Croise  

Рӕстгӕнджытӕ Дын стаудзысты Дӕ ном, рӕстӕй чи цӕры, уыдон цӕрдзысты Дӕ цӕсгомы раз.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдон абон ацы ныхӕстӕ, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл нымайынц, фӕлӕ Мӕнӕн Мӕ бон саразын цы нӕу? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм,


Бӕлӕгъмӕ сӕм бахызти, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты,


Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн.


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц».


Уӕд се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыди ӕмӕ дзырдтой: «Абон федтам диссаджы хъуыддӕгтӕ».


Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр, се ’хсӕн — Симоны ӕмбӕлттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн, Зеведейы фырттӕ, уый бӕрц кӕсӕгтӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.


Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе ’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan