Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:42
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у».


Елисей Гиезимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Йӕ мады йын ӕрбакӕн!» Уый йӕ ӕрбакодта, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Мӕнӕ дӕ лӕппу, райс ӕй».


Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу зӕххыл адӕргъ ис ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта.


Мард йӕхиуыл схӕцыди, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо йӕ мады бар ныууагъта.


Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы.


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон дӕр стыр диссагӕн куы хастой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:


Фондз ӕмӕ ссӕдз — дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы адард сты, уӕд Ӕй суыдтой: Йесо, денджызыл къахӕй цӕугӕйӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ фӕтарстысты.


Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.


Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн! Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan