40 Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».
Гиези Шунеммӕ бахӕццӕ ис сӕ разӕй ӕмӕ пехуымпары лӕдзӕг сабийы цӕсгомыл ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый иу сым дӕр не скодта, нӕдӕр дзы иу нуар базмӕлыд. Уӕд Гиези фӕстӕмӕ Елисейы размӕ аздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ хъал кӕны лӕппу».
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.
Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».