Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:39
11 Iomraidhean Croise  

Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».


Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу зӕххыл адӕргъ ис ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта.


Уӕд дӕлимон ныцъцъӕхахст кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы ӕмӕ дзы рацыди. Лӕппу мардау фӕцис, ӕмӕ бирӕтӕ фенхъӕлдтой, удӕгас нал у, зӕгъгӕ.


Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.


Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта.


Се ’хсӕнӕй Йӕм чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мын баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у!


Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».


Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan