34 Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд тынг фӕтарстысты.
Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Ӕз иунӕгӕй аззадтӕн ӕмӕ уыцы диссагӕй мӕ цӕстытӕ нал истон. Мӕ хъару ӕрбайсӕфт, мӕ цӕсгомы хуызы цъыртт нал баззад.
Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.
Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,
ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».
Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!»