Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Петр ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттыл хуыссӕг фӕтых ис. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы кад ӕмӕ ма дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:32
13 Iomraidhean Croise  

Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты дӕ рухсгӕнджытӕ, фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад.


Йӕ хъӕлӕс ын куы фехъуыстон, уӕд бауадзыг дӕн ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн.


Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:


Ӕмӕ сӕм куы ӕрбаздӕхти, уӕд та сӕ фынӕйӕ баййӕфта; сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты, ӕмӕ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нӕ зыдтой.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.


Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе ’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan