3 Бафӕдзӕхста сын: «Мацы райсут фӕндагмӕ — нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр ивӕн дарӕс.
Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта
Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.
Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи ӕрцӕудзӕни, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах та цас хуыздӕр сфӕлынддзӕн, лӕмӕгъуырнджытӕ!
Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».
Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы иу, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн раттӕд; хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ».
Левий Йесойӕн йӕ хӕдзары ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадти бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма дзы ӕндӕр адӕм дӕр дзӕвгар уыд.
Цыфӕнды хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕддӕр-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй бынтондӕр нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.
Никӕцы хӕстон лӕг бацӕудзӕн ӕрвылбоны царды сагъӕсты цъысымы — уый ӕрмӕстдӕр уымӕ тырны, цӕмӕй дзы йе ’фсӕддон хицауы зӕрдӕ райгонд уа.