24 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕрвӕлтау чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕни.
агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн;
Йӕ цард чи бахъахъхъӕна, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕни.
Йӕ цард бахъахъхъӕнын чи фӕлвара, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой.
Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.