17 Бахордтой се ’ппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Цы уӕлдӕйттӕ ма дзы баззади, уыдонӕй дыууадӕс чыргъӕды байдзаг ис.
Уый сын радта, ӕмӕ бафсӕстысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууагътой, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн, Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.
Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.
Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скасти уӕларвмӕ, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта, цӕмӕй сӕ адӕмӕн байуарой.