14 (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай — алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».
Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Уыдон сӕ байуӕрстой.
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис, ӕмӕ ныр уый бӕрц адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»
Уыдон сӕ ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыди, афтӕ.
Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.