Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Апостолтӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ акодта ӕмӕ иумӕ ацыдысты, Вифсаидӕ, зӕгъгӕ, уыцы сахары ’рдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:10
10 Iomraidhean Croise  

Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты».


«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


«Уый цытӕ дзуры? Хуыцауы куы фауы! Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ зӕрдӕрухсӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц».


Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй.


Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan