Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 9:1
15 Iomraidhean Croise  

Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар».


Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.


Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».


Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.


Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый араздзӕн, Ӕз кӕй аразын, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын дӕр бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕуын Мӕ Фыдмӕ.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Йесойы ном, мӕнӕ кӕй уынут ӕмӕ хорз кӕй зонут, уыцы лӕгӕн хъару радта. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ цӕсты раз бынтондӕр сӕнӕниз кодта.


Дӕ къух радар ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕн рынчынты, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдис».


Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan