Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Иннӕ нӕмгуытӕ ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, ӕмӕ сӕ уыдон, куы сзадысты, уӕд сӕ быны фӕкодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:7
11 Iomraidhean Croise  

Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.


Дунедарӕг Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъы: «Уӕхицӕн бахуым кӕнут ног зӕхх, какон сындзыты ’хсӕн ма таут!


Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.


Иу цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой.


Цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.


Нӕмгуытӕй ӕрхауди дурджын ран дӕр ӕмӕ, куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын дон фаг нӕ уыди.


Фӕлӕ тауинаджы иу хай ӕрхауди бӕзнаг мӕрыл, нӕмгуытӕ сзадысты ӕмӕ радтой, цы уыдысты, уымӕй фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Йесо уыцы ӕмбисонд ӕрхаста ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan