Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Нӕмгуытӕй ӕрхауди дурджын ран дӕр ӕмӕ, куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын дон фаг нӕ уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:6
14 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн,


Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.


Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!


Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.


«Рацыди тауӕг йӕ тауинагимӕ хуыммӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ кӕм къӕхты бын фесты, кӕм сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой.


Иннӕ нӕмгуытӕ ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, ӕмӕ сӕ уыдон, куы сзадысты, уӕд сӕ быны фӕкодтой.


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan