55 Чызгӕн йӕ уд йӕ мидӕг ӕрцыд, ӕмӕ уайтагъд рабадти. Йесо йын хӕринаг раттын кодта.
Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.
Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!»
Чызджы ныййарджытӕ стыр дисы бафтыдысты, фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цы ӕрцыди, уый макӕмӕн радзурут, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ мард рацыди, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — мӕрдӕмбӕрзӕн хӕцъилты тыхт, йӕ цӕсгом — цӕсгомӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй, ӕмӕ ацӕуа».