53 Уыдон Ыл худтысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, саби кӕй амарди, уый.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
Мӕ сӕр адӕмӕн хъазинаг фӕци, хынджылӕгӕн та зын у фӕразын.
Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.
уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты.
Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.
Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут — мард нӕу, фынӕй у».
Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!»
Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард афонмӕ сысмаг ис. Ныр цыппар боны зӕппадзы ис».