Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

50 Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:50
10 Iomraidhean Croise  

Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!


Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд».


Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ бон алцыдӕр у».


Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ».


Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Йаков, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.


Йесо йын дзуапп радта: «Нӕ дын дзырдтон, куы дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ, зӕгъгӕ?»


Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз.


Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо ис, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ скад кодта Хуыцауӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan