Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

47 Сылгоймаг, кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди ӕмӕ йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста. Афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ Йыл куы бандзӕвыд, уӕд уайтагъд куыд адзӕбӕх ис, уый ӕппӕт адӕмы раз радзырдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:47
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ.


Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ фервӕзын кӕн, ӕдылытӕн мын мӕ сӕр хъазинаг ма фӕкӕн!


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил.


Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.


Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.


Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта.


Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыди, уымӕн ӕмӕ Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыди, уый».


Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ».


Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста.


Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куынӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ.


Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,


Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.


Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan