45 Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой».
Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.
Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ».
Сылгоймаг чъылдымы ’рдыгӕй бацыди Йесомӕ, Йӕ пӕлӕзы хаутыл Ын бандзӕвыд, ӕмӕ йӕ туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад.
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис, ӕмӕ ныр уый бӕрц адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»