43 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.
Йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ фӕстагмӕ низ йе ’ппӕт буарыл дӕр ахӕлиу. Ӕмӕ рынчынӕй дӕр ӕрцагуырдта Дунедарӕджы нӕ, фӕлӕ хосгӕнджыты.
Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
мачи йын баххуыс кӕнӕд, йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд;
Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?
Иннӕтӕ иууылдӕр хай ӕвӕрдтой сӕ исбоны уӕлдайӕ, уыцы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый — йӕ хойраджы аргъ».
Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».
Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уый афтӕ ныкъкъӕдзтӕ ис, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыди.
Уӕдӕ сайтан ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы йӕ бӕттӕнтӕй сабаты цӕуылнӕ ис суӕгъд кӕнӕн?»
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.
уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг мӕлгӕ кодта; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм алырдыгӕй цъист кодтой.
Сылгоймаг чъылдымы ’рдыгӕй бацыди Йесомӕ, Йӕ пӕлӕзы хаутыл Ын бандзӕвыд, ӕмӕ йӕ туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад.
Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, ӕрдзӕй куырм чи уыди, ахӕм адӕймаджы.
Цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ чи байгом кодта, уый та нӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут, сывӕллон нал у, йӕхӕдӕг зӕгъӕд йӕхи тыххӕй».
Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.
диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.