Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ ӕгас сахары хъусын кодта, Йесо йын цы хорздзинад ракодта, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:39
13 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.


Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Ӕм, дӕлимонты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг ныххатыди, Демӕ мӕ ауадз, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ Йесо не сразы ис ӕмӕ йын загъта: «Ацу хӕдзармӕ, дӕ бинонтӕм. Радзур сын, Дунедарӕг дын цы сарӕзта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый».


Дӕлимонтӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ Йемӕ акӕна, фӕлӕ йын Йесо загъта:


Йесо фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ Йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты.


«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»


Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.


Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan