34 Хуыгӕстӕ уый куы федтой, уӕд азгъордтой ӕмӕ хабар сахары ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты фехъусын кодтой.
Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй чидӕртӕ бахӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ, цы ӕрцыди, уыдӕттӕ алчертӕн радзырдтой.
Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой.
Хуыгӕстӕ азгъордтой ӕмӕ хабар сахар ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕутыл айхъуысын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы ӕрцыди, уый фенынмӕ рацыдысты.
Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты.