31 Уыдон лӕгъстӕ кодтой Йесойӕн, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма фӕсура.
Уӕдӕ ма йын, цы йӕм ис, уымӕ фӕцагай, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид!
Фӕлӕ ма йын уӕдӕ йӕхи стӕг, йӕхи буармӕ февнал, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид?»
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»
Уырдӕм хӕстӕг хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ уыдоны мидӕг бацӕуын бауадза. Йесо сын бар радта.
«Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?“» (ома Чырыстийы мӕрдтӕй растын кӕнынмӕ).
Се ’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн.
Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.
Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.
Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.