Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:28
14 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?»


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.


Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта.


Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.


Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;


Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.


Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan