Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:27
8 Iomraidhean Croise  

бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.


Искӕй къухӕй чи фӕмард, ууыл кӕнӕ йӕхи низӕй амӕлӕгыл, адӕймаджы стӕгдар кӕнӕ ингӕныл хӕдзарӕн ӕдде чи андзӕва, уый чъизи уыдзӕн авд боны.


Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.


Йесойы размӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ, дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг бады, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты.


Галилейы акомкоммӕ, цады фаллаг фарс чи ис, Герасин, зӕгъгӕ, уыцы бӕстӕм бахӕццӕ сты.


Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»


Саул дӕр, иннӕтау, йӕ дарӕс феппӕрста ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта Самуелы раз, цалынмӕ йӕ къӕхтыл лӕууыд, уӕдмӕ. Стӕй ӕрхауди, ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв бӕгънӕгӕй зӕххыл фӕци. Уымӕн афтӕ фӕзӕгъынц: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan