Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:24
19 Iomraidhean Croise  

Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.


Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.


Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!»


Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»


Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.


Йесо йӕ цуры ӕрлӕууыд, низӕн йӕ тых басаста, ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх ис. Уыйадыл сылгоймаг сыстади ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.


Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan