22 Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.
Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ. Йӕхӕдӕг уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.
Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.
Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди,
Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ, Йӕхӕдӕг та уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.
Уыйадыл сӕ ныууагъта, фӕстӕмӕ бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ араст ис денджызы иннӕ фарсмӕ.
Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.
Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Ӕвиппайды тыхджын уад сыстади, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕ тӕссаг уавӕры бахаудтой.
Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.
Мах сбадтыстӕм адрамитаг науыл ӕмӕ араст стӕм. Нау йӕ фӕндагыл хъуамӕ баздӕхтаид Азийы наулӕууӕнтӕм. Немӕ уыдис македойнаг Аристарх, Фессалоникӕйы сахарӕй.