Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты ахӕм хъусджытӕ: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм уый фӕстӕ ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕйӕ фелвасы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:12
13 Iomraidhean Croise  

Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,


Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил, цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн, дӕхи сыл ма атигъ кӕн.


Сымах та, Мӕныл йӕхи чи атигъ кодта, Мӕ уаз хох кӕмӕй ферох ис, Гадӕн фынгтӕ чи ӕвӕры, Менийӕн, алы хъацӕнтӕ кӕуыл ис, ахӕм сӕнӕй кӕхцытӕ чи байдзаг кӕны, уыдоны,


Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау.


Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой.


Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауди, уыдоны ӕнгӕс сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ сайтан сӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ сын ӕй аскъӕфы сӕ зӕрдӕйӕ.


Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас,


Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.


«Рацыди тауӕг йӕ тауинагимӕ хуыммӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ кӕм къӕхты бын фесты, кӕм сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой.


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan