11 Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас,
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Уӕдӕ байхъусут, хортауӕджы ӕмбисонд цы амоны, уымӕ.
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау.
Загъта ма сын: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕ ӕмбисӕндтӕ та куыд бамбардзыстут?
фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты ахӕм хъусджытӕ: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм уый фӕстӕ ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕйӕ фелвасы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой.
Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.