Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 8:10
24 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.


Уӕд Уый загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут! Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“


Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!


«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.


Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.


Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.


Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы,


уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».


«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».


Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы иу, алкӕмӕн дӕр, Йӕхи куыд фӕнды, ахӕм лӕвӕрттӕ Чи кӕны, уыцы Уды архайдӕй цӕуынц.


Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.


Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзиуыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад — Чырыстийы.


Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan