Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:8
12 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕхи дӕр нӕ банымадтон Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл. Фӕлӕ Дӕ дзыхӕй ӕрмӕст ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд бадис кодта, разылди, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыдис, уыдонмӕ ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».


Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».


Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.


«Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.


Ӕфсӕддонтӕ цы бардзырд райстой, уымӕ гӕсгӕ Павелы ӕхсӕвы бахӕццӕ кодтой Антипатридӕмӕ.


Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ, дам, ын хъуамӕ иу чысыл фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ куыд мачи хъыгдара, афтӕ.


Кесӕрмӕ ацы адӕймаджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппӕ, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.


Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй, Бардарӕгӕй тӕрсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan