Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс ис, уӕд Ын сӕдӕйыхицау Йӕ размӕ йӕ хӕлӕртты рарвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 7:6
15 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Йесо араст ис йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм ӕмӕ Йӕ алырдыгӕй уынгӕг кодтой.


Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».


Уыдон ацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау уый аккаг у, ӕмӕ йын Ды баххуыс кӕнай —


нӕ адӕмыл нын ауды ӕмӕ нын синагогӕ дӕр уый сарӕзта».


Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕхи дӕр нӕ банымадтон Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл. Фӕлӕ Дӕ дзыхӕй ӕрмӕст ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ чидӕр ӕрбацыди йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал тыхсын кӕн».


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.


Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan